Перейти к содержанию

Къуырисæр

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.

Къуырисæр, дыгур. авдисæр[1] у къуырийы бон, хуыцаубон æмæ дыццæджы ’хсæн. Иуæй-иу бæстæты нымад у къуырийы фыццаг боныл, æндæрты та — дыккаг боныл.

Рагон иудейаг традицимæ гæсгæ къуырийы фыццаг бон уыд хуыцаубон, фæстаг та — сабат (æвдæм бон).

Таджикистаны сæйраг сахар Душанбейы ном таджикаг æмæ персайнаг æвзæгтæй ратæлмацгæнæн ис куыд «къуырисæр» (таурæгътæм гæсгæ уыцы ран алы къуырисæр стыр базар уыд, æмæ уый охыл ацы сахар дæр афтæ схуыдтой).

Растуырнæг дины Стыр мархойы фыццаг къуырисæр Сыгъдæг къуырисæр хуыйны — æнæхъæн боны дæргъы уырнджытæн хæрæн нæй.

Дыгурон диалекты къуырисæрæн ис хицæн дзырд — авдисæр (ома, «авды сæр»).

Фиппаинæгтæ

[ивын | Бындур ивын]
  1. Таказов Ф. М. Дигорско-русский, русско-дигорский словарь. — Владикавказ: Респект, 2015. — 872 с. — ISBN 978-5-98585-121-2.